Russia is waging a disgraceful war on Ukraine.     قف مع أوكرانيا!
  • Moana (OST)

    Мæ хæдзар [Where You Are]

    فنان مفضل: Abajty Artur, Kuznecova Kristinæ, Uyrymty Angelinæ, Madia
يشارك
حجم الخط
الأصلي

كلماتМæ хæдзар [Where You Are]

Моана
Размæ, уæндгæ
Моана хъуамæ зонай
Алцыдæр дæм уыдзæн дæ хæдзары
 
Кафын сахуыр у
Зарын дæр сæ бон у
Æндæр сакъадах цæмæ хъæуы кæд ай нын ис
 
Фæткты хъахъæнджытæ стæм
Моана, æмæ хъуамæ мах кæнæм
Цæмæй амонд ма уадза
Махæн нæ хæдзар
Хорз дих кæнæм алкæуыл
Куыстытæ иумæ кæнæм
Кæсаг дæр иумæ куы ахсæм
 
Фæнды мæн семæ
 
Фæлæу ма тагъд кæн
Моана, мах зæххы сабитæ
Æмæ нæ хъæудзæн хицау дæу хуызæн
Бамбар ма цæй
Кæм цæрæм уымæй хуыздæр бынат нæй
Саххæст уыдзысты сагъæстæ
 
Дæнцæгæн кокос райсæм (уæдæ!)
Пальмæйыл зайы
Æмæ нæ цы фæнды уый йемæ кæнæм
Хыз фæаразæм йæ æндæхтæй
Æхсыр дæр дзы нуазæм
Йæ сыфтæ йын ис æссудзæн, йæ хуылфы дзидза фыцæм
 
Кокос – у зæдты лæвар
Хæринаг мæ дон
Сакъадах нын алцыдæр дæтты
 
Ленк кæнæн нæй
 
Нæ бынат ам
Æфсæст стæм æмæ тæссаг нæу
Куыд хицау афтæ хъуамæ уарзай
Ды дæ адæм
Мæ сакъадах
Искæд ды бамбардзынæ
Амонд уым и кæм райгуырдææ
 
Донимæ кæфджытæ уарзын,
Уылæнтимæ дæр фæхъазын
Йъ хынджылæ уарзын, ха!
Денджызимæ иу тугæй стæм
Нымайынц мæн æррайыл ома базæронд дæ бынтон
Фæлæ сайраг амонд чызгай- царды макæй хуызæн у
 
Фыдæй дæм хæццæ кæны,хивæнд мæ хъал
Хъусгæ йæм кæн фæлæ уæддæр, чи дæ уый рох ма кæн
Æмæ кæд дæ уд бæллы, фенын ног стъалы
Моана бафæрс дæ зæрдæ чи дæ ды
 
Мах хыз аразæм æндæхтæй
- мах хыз аразæм æндæхтæй
Æмæ æхсыр нуазæм
- æмæ æхсыр нуазæм
 
Сыфтæ æссудзын нæ бон у
Сыфтæ æссудзын нæ бон у
- заргæ дæр иумæ фæкæнæм
 
Дзидза дæр дзы афыцæм
- æфсæст цæмæй уа нæ хæдзар
 
Адæм ныл æууæндынц
- уæдæ!
Ам ис нæ зæхх
Сакъадах нын алцы дæтты
 
Ленк ма акæн
Уæдæ зæгъын
Мæ адæм ам сты, æз баззайдзынæн
Цæмæй цæм иу фæкæсон
Мæ хæдзар у
 
Зонын цыдæр
Хæлар уыдзынæн мæ тыхджын
Æмæ уыдзæн алцы хорз ам
Мæ хæдзар
Фæндæгтæ иууылдæр цæуынц
Хæдзармæ
 
Амонд уыдзæн æрмæст
Хæдзары
Хæдзары!
 

 

التعليقات